Dj Albor Шарды уаг

Исполнитель: Dj Albor Длительность: 04:08 Размер: 9.49 МБ Качество: 320 kbit/sec Формат: mp3
Ну как песня, понравилась? Поделись с друзьями!

Текст песни "Dj Albor — Шарды уаг"

Цавæр у цавæр у уавæр,
Цавæр цард.
Цавæр у хуымæтæг адæмы фасивæдæн са цард
Цавæр, цавæр, цавæр, цавæр у цард,
Цавæр у Æлборты фырты фæндырæн йæ цагъд.
Ничи уал фæхизы 'ддæмæ 'нæ хæцæнгарзæй,
Фехсдзæни дæ исты фос цыдæр чызгы тыххæй.
Ничи уал уæнды æддæмæ ацы зарæгæй,
Виппайды ныцЪцЪæл дæ кæндзæн ацы тыхджын зæй.

Адæмы бæсты фос , хицауы бæсты фыс,
Алырдыгæй дæм 'нхъæлмæ кæсы тыгдзых фыдбылыз,
Ма сæ скъæр , ма кæн дис , дæхи хиз
Цалынма на Дзæуæджыхъæуы сахар нæ баихсыдис .

Ракалдысты разгъæлыдысты æнусон хæхтæ,
Баихсыдысты сæ мæгуыр хæдмæл къæхтæ,
Баихсыд сомихаг аргъуаны цур фæндаг,
Баихсыд 'нæпайда уæлдай дзурынæй æвзаг.
Баихсыди таг , баихсыди уаг.
Баихсыд кæрæдзи фырæхсынынæй дæндаг.
Алкæмæн алцыдæр алкæддæр нæ кæны фаг,
Алчидæр æнахуыр æмæ дæлæмæдзыд хъуыддæгтæй хъуаг.
Уынгтæ байдзаг кодта алыхуызон марг,
Алыхуызон марг нæ сæры мæгъзтæ кæны дзаг.
Фæуромут уæ хорзæхæй уæ мæгуыр хæдмæл бæхты,
Баихсыдысты цыдысты фехæлдысты къæхтæ.

Фысын, мысын, фæрсын,
Фæлгæсын, кæсын ,
Мæхи ныфсæй ныхас кæнын - фæйнæрдæм хæссын.
Уари мæ ном , мæ номæй мæ зон , хон,
Не'дылы уадыны гуыппытæн нæ уыдзæни кæрон.
Бауыром, бауыром, бауыром,
Дæ бæхты бауыром,
Цалынмæ нæ баихсыдысты сæ цæвхæдтæ бынтон .
Хъусыс Ирон , 'рбалхъив дæ хъамайы рон, зон,
Цалынмæ нæ баихсыд дæуæн дæ уды бон.
Ды ды ды ды ды ды ды ды ды дыды ды ды
æмæ дæ фарсмæ чи бады , чи лæууы , чи цæуы,
Уадыны тыхы ныхмæ йæ ныфс кæцы хæссы,
Йæ мæгуыр бæхты чи тæры, вæры ,кæй нæ уырны.


Бæстæ дасы, пырх кæны , кæлы -
Йæ фæстæ'лвасы Дзæуджыхъæуыадæмы,
Зæхх фæйлауы , хауы , цъæл кæны -
Йа разæй ласы Ирыстоны адæмы

Халон баргъæвст сындзыл ,
Уад тымыгъ хæссы.
Сау айнæджы рындзыл Дзæуджыхъæу хуыссы.
Чидæр кауылдæр æнцайы,
Чидæр та кæйдар цæвы ,
Кæйдæр хæдзармæ кæйдæр 'фхæрынмæ бырсы ,
Къуымты , рæбынты , бынты , хъæды кæйдæр батты,
Дæтты фæрæтæй кæрды , хæры , быры уыры , лæсы.
Уæлиау уæлейæ Уари дæлæмæ кæсы , бæрзондæй ныллæгма царды уаг хæссы .
Æлборты фырт æнæдастæй йæ зарджытæ мысы ,
Æлборты фырты фæндыры уадын фæйнæрдæм гуыпп кæны.

Хъессаты Мурат йæ зын куыст Цæцæны кæны ,
Дæрæн кæны , кæрды , уырдыг лæууы кæмæн хъæуы .
- Хъусыс Кес , дæ сау къæхтыл фидар фæлæу ,
Рох дæ ма фæуæд дæ райгуырæн Ногиры хъæу .
Аирвæзтис зæйы бын тар Дзæуæджы хъæу ,
Мах фæлдисæм уыцы зæй- уæлдай нын нæу ...

Еще песни Dj Albor

0:00 0:00

Заголовок проигрывателя Подзаголовок проигрывателя

(режим воспроизведения)