Хусен Шалов Лæууы ма мæ зæрдыл

Исполнитель: Хусен Шалов Длительность: 03:42 Размер: 5.10 МБ Качество: 192 kbit/sec Формат: mp3
Ну как песня, понравилась? Поделись с друзьями!

Текст песни "Хусен Шалов — Лæууы ма мæ зæрдыл"

Лæууы ма зæрдыл рæсугъд фынау раст
Дæ сау дыууæ цæстæн сæ уарзон æнгас.
Цы фæдæ, цы фæдæ, мæ уалдзыгон хур,
Æнæ дæу мæ риуы мæ зæрдæ ныддур.

{О, ой, уæрæйдæ, гъей,
Æнæ дæу мæ риуы мæ зæрдæ ныддур, гъей.} x2

Кæдæм мын фæлыгъдтæ, мæ уарзон тæргай,
Кæй лæппу дæ хоны йæхицæн ныр къай.
Дæ мидбылды бахудт, дæ иунæг фæкаст
Æмгæрон мæ риумæ куынæ уагътой маст.

{О, ой, уæрæйдæ, гъей,
Æмгæрон мæ риумæ куынæ уагътой маст, гъей.} x2

Уый раджы, уыд раджы, фæлæ ма уæддæр
Æз уыцы изæрты фæмысын ныр дæр.
Нæзы хъæды бæластæ бæрзонд арвыл мæй,
Нæ уарзон ныхæстæ рох не сты мæнæй.

{О, ой, уæрæйдæ, гъей,
Нæ уарзон ныхæстæ рох не сты мæнæй, гъей.} x2

Лæууы ма зæрдыл рæсугъд фынау раст
Дæ сау дыууæ цæстæн сæ уарзон æнгас.
Цы фæдæ, цы фæдæ, мæ уалдзыгон хур,
Æнæ дæу мæ риуы мæ зæрдæ ныддур.

{О, ой, уæрæйдæ, гъей,
Æнæ дæу мæ риуы мæ зæрдæ ныддур, гъей.} x2

«Музыкальная культура осетин» © 2011
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \

Еще песни Хусен Шалов

0:00 0:00

Заголовок проигрывателя Подзаголовок проигрывателя

(режим воспроизведения)