гр. «Хæхты зæлтæ» (сол. Эльвира Кусова) Ныййарæгæй амонд

Исполнитель: гр. «Хæхты зæлтæ» (сол. Эльвира Кусова) Длительность: 04:39 Размер: 4.27 МБ Качество: 128 kbit/sec Формат: mp3
Ну как песня, понравилась? Поделись с друзьями!

Текст песни "гр. «Хæхты зæлтæ» (сол. Эльвира Кусова) — Ныййарæгæй амонд"

Нæ базыдтон никуы циу мады рæвдыд,
Мæ сабидуг сидзæр, æвæгæсæг уыд.
Сæууон хур цъæх арвæй мæн тавта йæ хъармæй,
Æмæ мæм уый кастис мæ мады рæвдыд.

Фæзынди мæм фыны уæд иу хатт мæ мад,
Æнкъард уыд йæ хъуыды, фæкодта мæм загъд.
Дæхи, дам, цы марыс, дæ цæссыг цы згъалыс,
Хæцыд мæм рæвдаугæ мæ сызгъæрин мад.

Ныййарджыты фæдыл æнкъардæй кæсын,
Мæ риуæн йæ арфы мæ сагъæс хæссын.
Нæ бафсæстæн хурæй, зæрдæрыст, сæркъулæй
Ныййарджыты фæдыл æнкъардæй кæсын.

Цымæ дзы кæцы у мæ мады æнгас,
Цымæ дзы кæмæн ис мæ мады хъæлæс?
Йæ бахудт, йæ кастæй, йæ цин æмæ уарзтæй
Цымæ дзы кæцы у мæ мады æнгас?

Ныййарæгæй амонд… Цæй диссаг у, цæй!
Уый æрдзы хæрзтимæ нæ кæны хæццæ.
Æмæ йæ буц дарут, ныййарæгæн барут.
Ныййарæгæй амонд… Цæй диссаг у, цæй!

Слова Ахсара Чеджемова, музыка Эльбруса Моргоева

«Музыкальная культура осетин» © 2009
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \

Еще песни гр. «Хæхты зæлтæ» (сол. Эльвира Кусова)

0:00 0:00

Заголовок проигрывателя Подзаголовок проигрывателя

(режим воспроизведения)